Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв ныннӕрыд, цӕхӕртӕ акалдта, хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ, ӕмӕ райхъуыст сыкъауадындзы тыхджын уаст. Асадӕны цы адӕм уыд, уыдон сеппӕт дӕр фыртӕссӕй барызтысты. Асадӕнӕй Моисей адӕмы рахуыдта Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ; адӕм ӕрлӕууыдысты хохы рӕбын. Синайы хохӕй та калди фӕздӕг, уымӕн ӕмӕ йӕм Дунедарӕг ӕрхызт арты; йӕ фӕздӕг къуыбылӕйттӕй, пецӕй кӕлӕгау, цыди хӕрдмӕ, ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнкъуысти. Сыкъауадындз уасыди тынгӕйтынгдӕр. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау дзуапп лӕвӕрдта, – Моисей йын хъуыста Йӕ хъӕлӕс. Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыд ӕрвӕрттывдтытӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд артӕвзаг цырагъы – уыдон сты Хуыцауы авд уды. Зӕд райста будсудзӕн, байдзаг ӕй кодта нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй ӕмӕ йӕ фехста зӕхмӕ. Райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, арв нырттывта ӕмӕ зӕхх нынкъуыст. Муртатты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн – хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн – мызд раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг». Ӕмӕ уӕларвы байгом Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынд Йӕ фидыды Чырын. Арв нырттывта ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст ӕмӕ ныууарыди стыр их.
Выбор основного перевода