Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей йӕ лӕдзӕг сдардта арвмӕ; Дунедарӕджы хъаруйӕ арв ныннӕрыд ӕмӕ ихуард фемӕхст, арв цӕхӕртӕ акалдта; Дунедарӕг афтӕ ныххоста Мысыры зӕхх ихӕй. Их уарыд, арв цӕхӕртӕ калдта. Мысыраг адӕм ам куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕм фыдих никӕд ныууарыд. Ӕмӕ уӕларвы байгом Хуыцауы Кувӕндон, ӕмӕ дзы разынд Йӕ фидыды Чырын. Арв нырттывта ӕмӕ райхъуыст ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, зӕхх нынкъуыст ӕмӕ ныууарыди стыр их. Ӕмӕ адӕмы сыгъта тыхджын ӕнтӕф. Уыдон ӕлгъыстой, ацы рынтыл Кӕй бар цыди, уыцы Хуыцауы; фӕлӕ сӕм фӕсмон не 'рцыд ӕмӕ Йын кад не скодтой. Сӕ хъизӕмары ӕмӕ сӕ хӕфдзӕстыты тыххӕй ӕлгъыстой Уӕларвон Хуыцауы, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл фӕсмон нӕ фӕкодтой.
Выбор основного перевода