Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта: «Чи ис, Ӕз Уый дӕн». Хуыцау ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ афтӕ: „Чи уыди, Чи ис ӕмӕ Чи уыдзӕн, Уый мӕ рарвыста сымахмӕ“». Уӕдӕ куыд? Кӕд иуӕй-иутӕ Хуыцауыл иузӕрдион нӕ разындысты, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион нал уыдзӕн? Ницы хуызы! Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы, адӕмӕй та алчидӕр мӕнгард у, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ды раст кӕй дӕ, уый равдисдзысты Дӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ тӕрхон куы хӕссай, уӕд фӕуӕлахиз уыдзынӕ». Кӕд не 'взӕр митӕй Хуыцауы рӕстдзинад ӕргом кӕны, уӕд цы зӕгъӕм? Афтӕ зӕгъӕм: «Хуыцау раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар куы ныккала, уӕд»? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.) Ницы хуызы! Уӕдӕ Хуыцау дунейӕн ӕндӕр хуызы куыд хъуамӕ стӕрхон кӕна? «Ды Дӕхимӕ ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй райстай ӕмӕ Паддзах кӕй сдӕ, уый тыххӕй арфӕ кӕнӕм Дӕуӕн, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы Дунедарӕг Хицау Хуыцау.
Выбор основного перевода