Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух сдар арвмӕ, ӕмӕ мысыраг зӕххыл анхъӕвздзӕн, ӕрмӕст куырмӕджы цӕуӕн кӕм уа, ахӕм саудалынг». Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се 'вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ. Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Сыгъдӕг ӕмӕ ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?» Уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд урс-урсид дарӕс ӕмӕ сын загъдӕуыд, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсой иуцасдӕр, зӕххыл ма уыдонау кӕй хъуамӕ амардӕуа, сӕ уыцы ӕмкусджытӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цалынмӕ нымӕц баххӕст кӕной, уӕдмӕ.
Выбор основного перевода