Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симоны, ӕмӕ йе 'фсымӕр Андрейы. Уыдон сӕ хызтӕ ӕппӕрстой денджызмӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсджытӕ уыдысты. Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ». Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ хызтӕ ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл. Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт. Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ бӕлӕгъ ӕмӕ сӕ фыды, ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл. Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг баныгӕнӕнт сӕ мӕрдты». Дыккаг бон Йесо скодта Галилеймӕ цӕуыны фӕнд. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ». Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цу».
Выбор основного перевода