Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном – Эней. Уый уыд уӕнгмард – аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад.
Петр ын загъта: «Эней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ сис дӕ хуыссӕн». Эней уайтӕккӕ рабадт.
Лиддӕ ӕмӕ йӕ Сароны цӕрджытӕ сеппӕт дӕр федтой ӕмӕ раздӕхтысты Хицаумӕ.