Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Рацыд Ӕм уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Хицау, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын у ӕмӕ удхар кӕны». Иерихонӕй куы рараст сты, уӕд Йесойы фӕдыл цыди бирӕ адӕм. Дыууӕ куырмы бадтысты фӕндаггӕрон. Йесо сӕ рӕзты кӕй ӕрцӕуы, уый куы фехъуыстой, уӕд ныхъхъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!» Адӕм уыдонӕй домдтой, цӕмӕй ныссабыр уой, фӕлӕ ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!» Ӕмӕ куы фехъуыста, уый Назаретаг Йесо у, зӕгъгӕ, уӕд райдыдта хъӕр кӕнын: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» Бирӕтӕ дзы домдтой, цӕмӕй ныссабыр уа, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» Уӕд ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» Разӕй цӕуджытӕ дзы домдтой, цӕмӕй ныссабыр уа, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
Выбор основного перевода