Йесо йын загъта: «Хъусыс, макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста: «Цы федтат, уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъут, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ».
Йесо сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой. Фӕлӕ сын цас фылдӕр фӕдзӕхста, уыйас фылдӕр хӕлиу кодтой уыцы хабар.