Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Иоанн, нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ, ӕмӕ дзы зӕгъынц: „Хӕйрӕдж-джын у".
Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн". Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, йӕ растгӕнӕг уыдон сты».
Фарисей ӕрлӕууыд ӕмӕ куывта хинымӕр: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕ адӕмау стигъӕг, ӕнӕраст, хӕтаг, кӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.
Ком дарын къуыри дыууӕ хатты; меппӕт ӕфтиаджы дӕсӕймаг хай дӕттын Дӕуӕн".