Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном – Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл. Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Хорз ус, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ чызг уайтӕккӕ сдзӕбӕх. Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уайтӕккӕ ракаст йӕ цӕстытӕй ӕмӕ ацыд Йесойы фӕдыл. Йесо та сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ». Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ацу. Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Йесо йын загъта: «Ракӕс! Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ Йесойыл ӕууӕндыны фӕрцы Йӕ ном сфидар кодта, сымах кӕй уынут ӕмӕ зонут, уыцы лӕджы. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ разы бынтондӕр сӕнӕниз кодта.
Выбор основного перевода