Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Йесомӕ ӕркодтой куырм ӕмӕ ӕгомыг хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын ӕмӕ уынын. Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый дӕлимонты ӕрмӕстдӕр дӕлимонты ӕлдар веелзевулы хъаруйӕ суры». Ӕркодтой Йӕм гуылӕвзаг къуырмайы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл Йӕ къух ӕрӕвӕра. Ӕмӕ уайтӕккӕ байгом сты къуырмайы хъустӕ, йе 'взаг суӕгъд, ӕмӕ райдыдта сыгъдӕг дзурын. Адӕмӕй Йын иу дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз Дӕм ӕркодтон, ӕнӕзӕгъинаг кӕй багомыг кодта, мӕ уыцы лӕппуйы. Йесо ӕрбадти, басидти дыууадӕсмӕ ӕмӕ сын загъта: «Уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый ӕппӕтӕй дӕлдӕр уӕд ӕмӕ лӕггад кӕнӕд алкӕмӕн дӕр». Иухатт Йесо иу адӕймагӕй сырдта ӕгомыггӕнӕг дӕлимоны. Дӕлимон дзы куы рацыд, уӕд ӕгомыг райдыдта дзурын, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты.
Выбор основного перевода