Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн. Мӕнӕ уӕ Ӕз ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ ӕрвитӕгау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлӕттау ӕнӕхин. Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн. Дӕхицӕн цы ӕрцӕттӕ кодтай, уый та кӕмӕн баззайдзӕн?" Афтӕ рауайы, йӕхицӕн хӕзнатӕ чи ӕмбырд кӕны, Хуыцауы хъӕздыгдзинадӕй та ӕнӕхай чи у, уыдоны хъуыддаг».
Выбор основного перевода