Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад у, йӕ цагъартӕй дзы чи цас дары, уый банымайыны фӕнд цы паддзах скодта, уый хуызӕн. Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де 'фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де 'фсымӕры? Неппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд у: «Ӕз цардӕгас дӕн, – зӕгъы Хицау, – Мӕ разы ӕрзоныгыл кӕндзӕн алы адӕймаг дӕр, ӕмӕ алы ӕвзаг стаудзӕни Хуыцауы». Уӕдӕ махӕй алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ неппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алчидӕр райса, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй кӕнӕ ӕвзӕрӕй цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода