Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо ма сын радзырдта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адӕймаджы хуызӕн. Цӕттӕ ут алцӕмӕй дӕр – ут ронӕлвӕст ӕмӕ судзӕнт уӕ рухсгӕнӕнтӕ. Чындзӕхсӕвӕй сӕ хицауы ӕрцыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ут уыцы адӕмы хуызӕн – хицау куы ӕрцӕуа ӕмӕ куы бахойа, уӕд ын уайтӕккӕ дуар байгом кӕндзысты. Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрцӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй нӕ ӕрӕййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, йӕхи бафистӕг кӕндзӕн, фынгмӕ сӕ бахондзӕн ӕмӕ сын райдайдзӕн кӕстӕриуӕг кӕнын. Суанг ӕмбисӕхсӕв кӕнӕ фӕсӕмбисӕхсӕв куы ӕрцӕуа ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы нӕ ӕрӕййафа, уӕд уыцы цагъартӕ уыдзысты тӕхудиаг. Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иу Лӕгӕн – Чырыстийӕн – ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы. Уӕдӕ цин кӕнӕм, хъӕлдзӕг уӕм ӕмӕ Йын скӕнӕм кад. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта.
Выбор основного перевода