Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд сын цӕхгӕр зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, тӕригъӕдджынтӕ". Уым сӕ къуыдыркалм нӕ мӕлы ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы. Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Мӕ фыдӕл Авраам! Фӕтӕригъӕд мын кӕн ӕмӕ мӕм Лазыры рарвит, йе 'нгуылдз стула доны ӕмӕ мын ме 'взаг асатӕг кӕна, уымӕн ӕмӕ ӕз хъизӕмар кӕнын ацы арты". Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылайы сахартӕ хӕтыдысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый алкӕмӕн дӕр у зондыхос. Кӕд тӕригъӕды чи бафтыд, Хуыцау уыцы зӕдтыл нӕ бацауӕрста, ныппӕрста сӕ зындонмӕ ӕмӕ сӕ тӕрхоны бонмӕ талынджы дары рӕхыстӕй бастӕй; Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ. Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.
Выбор основного перевода