Мӕнӕн „Хицау! Хицау!" чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕстгӕнӕг бацӕудзӕн.
Бирӕтӕ Мын уыцы бон зӕгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Дӕ номӕй бирӕ диссӕгтӕ не 'вдыстам?"
Уӕд сын цӕхгӕр зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, тӕригъӕдджынтӕ".