Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ мызд куы райстой, уӕд сӕнӕфсирдоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын. Уыдон дзырдтой: „Фӕстӕдӕр кӕй баххуырстай, уыдон иунӕг сахат бакуыстой, фидгӕ та сын махимӕ ӕмхуызон бакодтай, мах та ӕнӕхъӕн бон ӕнтӕфы фӕфыдӕбон кодтам". Ам раст уыдзӕн ацы ӕмбисонд: „Иу тауы, иннӕ кӕрды". Ӕз сын дӕттын мыггагмӕйы цард – мыггагмӕ дӕр сын мӕлӕт нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ Мӕ къухӕй ничи аскъӕфдзӕн. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты. Ныхмӕлӕууӕг куы ӕрцӕуа, уӕд хӕйрӕджы ӕппӕт хъаруйӕ равдисдзӕн мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ мӕнг диссӕгтӕ. Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфтыкъахыл лӕуджыты – уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад. Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой. Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд».
Выбор основного перевода