Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл. Уыцы миниуджытӕ кӕмӕ не сты, уый та у куырм ӕмӕ ницы уыны, йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг, уый дзы ферох. Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут. Уымӕн ӕмӕ уын афтӕмӕй уыдзӕн нӕ Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы мыггагмӕйы Паддзахадмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ бацӕуыны фадат. Уымӕ гӕсгӕ сымахӕн уыдӕтты тыххӕй дзурдзынӕн ӕдзух, кӕд сӕ зонут ӕмӕ уӕм цы ӕцӕгад фӕхӕццӕ, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр.
Выбор основного перевода