Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон. Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыды йеддӕмӕ; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон». Йесо Кувӕндоны куы амыдта, уӕд хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Зонут Мӕ, стӕй кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут. Ӕз Мӕхи номӕй не 'рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕгыл ис ӕууӕндӕн. Сымах Ӕй нӕ зонут, Ӕз та Йӕ зонын, уымӕн ӕмӕ Ӕз Уымӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Уый рарвыста». Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзтӕй хайджын куыд дӕн, афтӕ сымах дӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд хайджын уыдзыстут Мӕ уарзтӕй.
Выбор основного перевода