Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ». Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ ныхасмӕ хъусӕгӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бацыд цардмӕ. Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ ӕрцӕрдзыстӕм йемӕ. Ӕз уын цы ныхас загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу". Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты. Ды Мын дунейӕ цы адӕм радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном. Уыдон Дӕу уыдысты, Ды сӕ радтай Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон сӕххӕст кодтой Дӕ ныхас. Енохмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыдта Хуыцау ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта: «Зӕххыл нал уыди – Хуыцау ӕй акодта». Уымӕн ӕмӕ йын йӕ акӕныны размӕ Хуыцау загъта, Йӕ зӕрдӕ Йын кӕй балхӕдта, уый тыххӕй.
Выбор основного перевода