Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?» Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын. Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ. Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ. Фӕлӕ кӕд Ӕз тӕрхон кӕнын, уӕддӕр Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн – Мӕ рарвитӕг Фыд Мемӕ ис.
Выбор основного перевода