Ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд, ӕмӕ зӕгъат уӕхицӕн: „Нӕ фыдӕл Авраам у". Зӕгъын уын, Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын.
Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй. „Нӕ фыдӕл Авраам у" – ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын.
Дзуапп Ын радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат.
Уӕ фыдӕл Авраам цин кодта, Ме 'рцыды бон кӕй фендзӕн, ууыл. Федта йӕ, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ барухс».