Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут. Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн». Иудейтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Мах Ӕй кӕм не ссарӕм, ахӕм ранмӕ кӕдӕм ацӕудзӕн? Бердзенты ӕхсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуыны ӕмӕ бердзенты ахуыр кӕныны фӕнд Ӕм нӕй, ӕви? Цы ныхӕстӕ загъта, уыдон цы амонынц: „Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут", ӕмӕ „Ӕз кӕм уон, уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн"?» Мӕ хъӕбултӕ, Ӕз бирӕ нал фӕуыдзынӕн уемӕ. Агурдзыстут Мӕ ӕмӕ, Ӕз иудейтӕн куыд загътон, Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм ӕрцӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн, зӕгъгӕ, афтӕ ныртӕккӕ зӕгъын сымахӕн дӕр.
Выбор основного перевода