Йесо ӕрбадти Кувӕндоны хӕзнадоны бакомкоммӕ ӕмӕ каст, адӕм дзы ӕхца куыд ӕвӕрдтой, уымӕ. Бирӕ хъӕздгуытӕ дзы ӕвӕрдтой бирӕ ӕхца.
Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух нӕ андзӕвыд. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг ӕрцыд – талынг хицауиуӕг кӕны».
Уӕд Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ.