Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йӕ хӕстӕджытӕ уыдӕттӕ куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ацыдысты ӕркӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ айхъуыст, Йӕ зонд фӕцыди, зӕгъгӕ. Иерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ дзырдтой, веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ. Самариаг сылгоймаг Ын загъта: «Ды иудей куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ иудейтӕ самариӕгтыл не 'рвӕссынц. Адӕм Ын уый фӕдыл загътой: «Хӕйрӕджджын дӕ? Чи Дӕ хъавы амарынмӕ?» Иудейтӕ Йын загътой: «Ныр мах зонӕм, Ды хӕйрӕджджын кӕй дӕ, уый. Авраам дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр амардысты, Ды та зӕгъыс: „Мӕ ныхас чи сӕххӕст кӕна, уый мыггагмӕ дӕр мӕлӕт нӕ фендзӕн". Уыдонӕй бирӕтӕ дзырдтой: «Уый хӕйрӕджджын ӕмӕ сӕрхъӕн у. Цы йӕм хъусут?»
Выбор основного перевода