Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды?
Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ ныхасмӕ хъусӕгӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бацыд цардмӕ.
Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕныл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард.
Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн ис, уымӕн ис мыггагмӕйы цард. Хуыцауы Фыртӕй хай кӕмӕн нӕй, уымӕн та нӕй мыггагмӕйы цард.