Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, куы нӕ аиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ суат, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут. Афтӕ ничи зӕгъдзӕн: „Мӕнӕ ам ис", кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис". Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уӕ зӕрдӕйы ис». Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард – ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хорысӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн. Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы. Хуыцауӕй чидӕриддӕр райгуырд, уый тӕригъӕды нал ӕфты, уымӕн ӕмӕ схайджын Хуыцауы цардӕй. Ӕмӕ тӕригъӕды ӕфтын йӕ бон нал у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй райгуырд.
Выбор основного перевода