Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Фыд тӕрхон дӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ ӕппӕт тӕрхон бакодта Фырты бар, Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ. Иоанн Мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй та Ме 'вдисӕйнаг тыхджындӕр у. Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ аразын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн. Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон хӕссыны бон. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».
Выбор основного перевода