Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕмӕ Йӕм барвыстой сӕ ахуыргӕнинӕгты Ироды фарсдарджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс. Уӕд фарисейтӕй иуӕй-иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ халы сабаты ӕгъдау». Иннӕтӕ дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймаджы бон ахӕм диссӕгтӕ кӕнын куыд у?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд. Уый Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд Ын ницы ӕнтысид». Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхӕстӕм: Назаретаг Йесойы уын Хуыцау равдыста стыр хъуыддӕгтӕй, диссӕгтӕй ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уыцы Лӕджы фӕрцы Хуыцау скодта уе 'хсӕн, уӕхӕдӕг куыд зонут, афтӕ.
Выбор основного перевода