Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл. Ӕз уый куы саразон ӕмӕ цы ӕрӕмбырд, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг акӕндзынӕн сымахыл. Ӕмӕ сымах дӕр куы фехъуыстат ӕцӕгады ныхас, фарны уац уӕ фервӕзыны тыххӕй, ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй. Хуыцау уӕ кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, уый равдисынӕн уал уын бахай кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ уыцы Уды хъыджы ма цӕут.
Выбор основного перевода