Йесо сын загъта: «Сымах дӕллӕгтӕй стут, Ӕз та – уӕллӕгтӕй. Сымах ацы дунейӕ стут, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.
Уыдонӕн ис, Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уыцы рагфыдӕлтӕ; Чырысти туг ӕмӕ стӕгӕй уыдонӕй у – Уый у, ӕппӕтыл дӕр Кӕй бар цӕуы, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Амен.
Ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕрттӕй ӕмӕ барджынтӕй, тыхджынтӕй ӕмӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр; ӕмӕ Йын радта ӕрмӕст абоны нӕ, фӕлӕ фидӕны дунейы ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном.
Уыдон дунейӕ сты, ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы.