Уыцы сахарӕй иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынгыл кӕй бады, уый, ӕмӕ ӕрхаста хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурын.
Ӕрлӕууыд Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕмӕ кӕугӕйӕ райдыдта Йесойы къӕхтыл йӕ цӕссыг калын, сӕрфта сӕ йӕ дзыккутӕй, батӕ Йын кодта Йӕ къӕхтӕн ӕмӕ сӕ сӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.
Мариа та уыди, Хицау Йесойы хӕрздӕфгӕнӕнӕй чи байсӕрста ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтӕ йӕ дзыккутӕй чи ныссӕрфта, уыцы сылгоймаг. Ныр йе 'фсымӕр Лазыр уыди рынчын.