Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Уыцы сахарӕй иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынгыл кӕй бады, уый, ӕмӕ ӕрхаста хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурын. Ӕрлӕууыд Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕмӕ кӕугӕйӕ райдыдта Йесойы къӕхтыл йӕ цӕссыг калын, сӕрфта сӕ йӕ дзыккутӕй, батӕ Йын кодта Йӕ къӕхтӕн ӕмӕ сӕ сӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй. Йесойы бахонӕг фарисей уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай пехуымпар куы уаид, уӕд Ӕм чи ӕмӕ цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тӕригъӕдджын у». Иу адӕймаг, йӕ ном Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, Вифанийы уыцы хъӕуӕй. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ мард рацыд, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ – мӕрддзаг хӕцъилтӕй тыхт, йӕ цӕсгом – сӕрӕмбӕрзӕнӕй баст. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй ӕмӕ ацӕуа». Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Иерусалиммӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.
Выбор основного перевода