Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта рухскалгӕ ӕврагъ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын». Ӕмӕ фӕзынд ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». Сыгъдӕг Уд Ӕм ӕрцыди бӕлоны хуызы, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын». Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм». Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: [нырӕй фӕстӕмӕ] уындзыстут арвы дуар гомӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕдты уӕларвмӕ ссӕугӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фыртмӕ ӕрцӕугӕ». Мӕ рарвитӕг Фыд Йӕхӕдӕг загъта Мӕн тыххӕй. Сымах та Йын Йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат, ӕмӕ Йын Йӕ цӕсгом дӕр нӕ федтат, Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо загъта: «Ныр снамысджын Адӕймаджы Фырт, ӕмӕ Хуыцау дӕр снамысджын Йӕ фӕрцы. Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый саразынӕй Дӕ Ӕз снамысджын кодтон зӕххыл. Ӕмӕ Мӕ ныр, Мӕ Фыд, Ды дӕр снамысджын кӕн Дӕ разы, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Демӕ куы уыдтӕн, уӕд Мын цы намыс уыди, уымӕй.
Выбор основного перевода