Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Иучысыл ӕддӕдӕр рацыд, зӕххыл дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ куывта, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ацы тухӕн ма бавзара: Бацыди сӕм ӕртыккаг хатт дӕр, ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Ӕгъгъӕд у, ӕрцыди рӕстӕг. Мӕнӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд цӕуы тӕригъӕдджынты къухтӕм. Ӕрӕввахс Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта йӕхионты ацы дунейы, бауарзта сӕ кӕронмӕ. Иудӕ куы ацыд, уӕд Йесо загъта: «Ныр снамысджын Адӕймаджы Фырт, ӕмӕ Хуыцау дӕр снамысджын Йӕ фӕрцы. Кӕд Хуыцау Йӕ фӕрцы снамысджын, уӕд Ӕй Хуыцау Йӕхӕдӕг дӕр снамысджын кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ снамысджын кӕндзӕн рӕхджы. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, ӕрхӕццӕ рӕстӕг. Намыс скӕн Дӕ Фыртӕн, ӕмӕ Фырт дӕр снамыс кӕна Дӕуӕн.
Выбор основного перевода