Ӕмӕ Йӕ куы ссардтой, уӕд Ын загътой: «Адӕм иууылдӕр Дӕу агурынц».
Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.
Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл сеппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ фесафдзысты нӕ ацы бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр».
Ӕмӕ не 'мбарут, ӕппӕт адӕмы фесафыны бӕсты адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд сымахӕн хуыздӕр кӕй у, уый».