Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Йесо бацыд иу хъӕумӕ. Уым Ӕй иу сылгоймаг, йӕ ном Марфӕ, бахуыдта йӕ хӕдзармӕ. Марфӕйӕн уыди хо, хуынди Мариа. Мариа сбадти Хицауы къӕхты цур ӕмӕ Йын хъуыста Йӕ ныхасмӕ. Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр лӕггадыл уыд. Бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ ын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса». Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс бирӕ цӕуылдӕртыл,
Выбор основного перевода