Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!»
Ӕмӕ мард рацыд, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ – мӕрддзаг хӕцъилтӕй тыхт, йӕ цӕсгом – сӕрӕмбӕрзӕнӕй баст. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй ӕмӕ ацӕуа».
Уӕд Мариамӕ чи ӕрцыд ӕмӕ Йесо цы бакодта, уый чи федта, уыцы иудейтӕй Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты.