Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз радардзынӕн Мӕ къух, ӕмӕ ӕрцӕвдзынӕн Мысыр, кӕй дзы саразон, Мӕ уыцы диссӕгты фӕрцы; фараон уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕн. Афтӕ дын зӕгъы Дунедарӕг: ‘Ныртӕккӕ базондзынӕ, Ӕз Хуыцау кӕй дӕн, уый’. Мӕ къухы цы лӕдзӕг ис, уымӕй ӕз ӕрцӕвдзынӕн цӕугӕдон, ӕмӕ туг фестдзӕни. Дӕснытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцауы ӕрмдзӕф у». Фӕлӕ та фараон разынди дурзӕрдӕ ӕмӕ сӕм нӕ байхъуыста, Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн Хуыцау развӕлгъау куыд загъта, афтӕ. Ӕз фараоныл бафтаудзынӕн хивӕнд, ӕмӕ уӕ фӕсте расурдзӕн; уӕд Ӕз бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ йеппӕт ӕфсады. Ӕмӕ мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ скадджын уыдзынӕн». Адӕм бакодтой, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Выбор основного перевода