Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырмӕ куы ӕрыздӕхай, уӕд ма ферох кӕн, Ӕз дын кӕй бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ фараоны раз равдисын. Ӕз та йын ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ рауадздзӕн Мӕ адӕмы.
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Фараон уӕм уымӕн нӕ байхъуыста, цӕмӕй Мысыры зӕххыл Ӕз равдисон ноджы фылдӕр диссӕгтӕ».