Уӕд ӕй Хуыцау бафарста: «Цы ис дӕ къухы?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг».
Хуыцау ын загъта: «Аппар ӕй зӕхмӕ». Моисей йӕ аппӕрста зӕхмӕ, лӕдзӕг фестад калм, ӕмӕ Моисей лидзынмӕ фӕци.
Ацы лӕдзӕг дӕр ахӕсс дӕ къухы – диссӕгтӕ ӕвдисынӕн дын уыдзӕни».
Моисей ӕмӕ Аарон ӕрцыдысты фараонмӕ ӕмӕ бакодтой, Хуыцау сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: Аарон аппӕрста йӕ лӕдзӕг фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты размӕ, ӕмӕ лӕдзӕг фестади калм.