Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы сбон, уӕд фараон ӕнцой нал зыдта. Арвыста Мысыры ӕппӕт дӕснытӕм ӕмӕ ӕппӕт зондылӕгтӕм фӕдзурынмӕ. Радзырдта сын йӕ фынтӕ, фӕлӕ йын сӕ чи райхӕлдтаид, ахӕм дзы нӕ разынд. Мысыраг дӕснытӕ дӕр сӕ кӕлӕнтӕй бакодтой афтӕ. Ӕмӕ та фараон ацы хатт дӕр разынди хивӕнд – Дунедарӕг Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн развӕлгъау куыд загъта, афтӕ сӕм нӕ байхъуыста. Афтӕ бакодтой дӕснытӕ дӕр сӕ кӕлӕнтӕй – галхӕфсыты рахуыдтой Мысыры зӕхмӕ. Дӕснытӕ дӕр архайдтой сӕ кӕлӕнтӕй къогъотӕ рауадзыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци. Къогъотӕ бадтысты адӕмыл ӕмӕ фосыл. Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис.
Выбор основного перевода