Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисейӕн Хуыцау загъта: «Ааронӕн зӕгъ: „Дӕ лӕдзӕгимӕ дӕ къух радар цӕугӕдӕттӕм, донуадзӕнтӕм, цадтӕм, ӕмӕ галхӕфсыты бафтау Мысыры бӕстӕйыл“». Аарон йӕ къух радардта мысыраг дӕттӕм; рацыдысты галхӕфсытӕ ӕмӕ бамбӕрзтой Мысыры зӕхх. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ: „Радар дӕ лӕдзӕг, ӕрцӕв дзы зӕххы рыг, ӕмӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл цы рыг ис, уый фестдзӕни къогъотӕ“». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух сдар арвмӕ, ӕмӕ их ӕруардзӕн ӕппӕт мысыраг зӕххыл, адӕмыл, фосыл ӕмӕ ӕппӕт зайӕгойтыл». Моисей йӕ лӕдзӕг сдардта арвмӕ; Дунедарӕджы хъаруйӕ арв ныннӕрыд ӕмӕ ихуард фемӕхст, арв цӕхӕртӕ акалдта; Дунедарӕг афтӕ ныххоста Мысыры зӕхх ихӕй. Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух радар мысыраг зӕхмӕ, ӕмӕ мӕтыхтӕ ӕрбабырсдзысты мысыраг бӕстӕмӕ, бахӕрдзысты ӕппӕт зайӕгойтӕ, ихы фӕстӕ ма цы аирвӕзт, уый». Моисей йӕ лӕдзӕг радардта мысыраг зӕхмӕ, ӕмӕ Хуыцау Мысырмӕ рауагъта, уыцы бон ӕмӕ ӕхсӕвы дӕргъы чи нӕ банцад, ахӕм скӕсӕйнаг дымгӕ. Куы ӕрбабон, уӕд скӕсӕйнаг дымгӕ йемӕ ӕрхаста мӕтыхты. Уӕд Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух сдар арвмӕ, ӕмӕ мысыраг зӕххыл анхъӕвздзӕн, ӕрмӕст куырмӕджы цӕуӕн кӕм уа, ахӕм саудалынг». Ды та сис дӕ лӕдзӕг ӕмӕ йӕ денджызырдӕм адар, денджыз фӕдих уыдзӕн, ӕмӕ израилаг адӕм йӕ астӕуты ацӕудзысты сурзӕххыл. Моисей йӕ къух адардта денджызмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Дунедарӕг тардта денджыз тыхджын скӕсӕйнаг дымгӕйӕ – денджыз фӕцыди дыууӕрдӕм ӕмӕ разынд йӕ бын. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Дӕ къух адар денджызмӕ, ӕмӕ йӕ дон раивылдзӕн мысырӕгтыл, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл ӕмӕ сӕ барджытыл».
Выбор основного перевода