Хуыцау ын загъта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн; Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый тыххӕй дын мӕнӕ ӕвдисӕйнаг: адӕмы Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ацы хохыл Хуыцауӕн ӕрхӕсдзынӕ нывонд».
Адӕмы хистӕртӕ дӕ коммӕ бакӕсдзысты, уыдонимӕ бацӕудзынӕ мысыраг паддзахмӕ ӕмӕ йын зӕгъдзыстут: „Фӕзынди нӕм Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау; уӕдӕ нӕ ауадз, ӕмӕ ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ уым нывондтӕ ӕрхӕсдзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.
Уый фӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, израилӕгты Хуыцау: „Ауадз Мӕ адӕмы ӕдзӕрӕг ранмӕ, Мӕ номыл бӕрӕгбон скӕнынмӕ“».
Уӕд Моисей ӕмӕ Аарон загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм раргом кодта Йӕхи; ауадз нӕ ӕртӕ бонцауы ӕдзӕрӕг ранмӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывондтӕ ӕрхӕссынмӕ; науӕд нӕ фӕцӕгъддзӕни рынӕй кӕнӕ кардӕй!»