Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ фараон загъта: «Чи мын у Дунедарӕг, ӕмӕ Йӕм ӕз байхъусон? Цӕмӕн хъуамӕ ауадзон израилӕгты? Ӕз Дунедарӕджы дӕр нӕ зонын, ӕмӕ израилаг адӕмы дӕр нӕ ауадздзынӕн». Кӕд ӕмӕ ацы дыууӕ диссагыл нӕ баууӕндой ӕмӕ дӕ ныхасмӕ нӕ байхъусой, уӕд Нилы цӕугӕдонӕй сис дон ӕмӕ йӕ акал зӕхмӕ; ӕмӕ цы дон сисай, уый зӕххыл фестдзӕни туг». Ӕз Мысырӕн Мӕ хъомыс куы равдисон ӕмӕ се 'хсӕнӕй израилаг адӕмы куы ракӕнон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». Уыдонмӕ ис арвы дуар сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпар ныхасы рӕстӕг уарын ма уа. Иугӕр сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых. Ӕртыккаг зӕд йӕ кӕхц ракалдта цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ фестадысты туг. Уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды бадардтай туг. Уый аккаг сты».
Выбор основного перевода