Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Савлӕн ныр дӕр ӕнӕуынон уыдысты Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ Ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы синагогӕтӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй-усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕркӕна Иерусалиммӕ. Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст ӕртыхсти рухс. Савл ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?» Савл бафарста: «Чи дӕ, Хицау?» Дзуапп ын рардӕуыди: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын». Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Хицау, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Хицау ын загъта:] Сыст ӕмӕ бацу сахармӕ – уым дын загъд уыдзӕни, цы гӕнгӕ дын у, уый». Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй; хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой. Савл сыстад зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухыл ӕмӕ йӕ ӕркодтой Дамаскмӕ. Ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта, хӕрд ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци. Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Анани. Хицау ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Анани!» Анани дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Хицау». Хицау ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст чи хуыйны, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном – Савл, у Тарсы сахарӕй. Ныртӕккӕ кувгӕ кӕны Ӕмӕ йӕ цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, йӕ ном – Анани; Анани йӕм бацыд ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ, цӕмӕй ракӕса йӕ цӕстытӕй». Анани дзуапп радта: «Хицау, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Иерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон. Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса». Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн. Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый». Анани араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме 'фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Йӕхи Чи равдыста, уыцы Хицау Йесо рарвыста мӕн, цӕмӕй ракӕсай дӕ цӕстытӕй ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй». Ӕмӕ йын цыма уайтӕккӕ хӕрв систӕуыд йӕ цӕстытӕй, афтӕ ӕваст ракаст цӕстӕй, сыстад ӕмӕ йыл саргъуыдӕуыд. Уый фӕстӕ бахордта ӕмӕ йӕ хъару фӕфидар. Савл иукъорд боны фӕци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ. Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ. Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном арджыты Иерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не 'рцыд, ӕви?» Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд. Рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ иудейтӕ скодтой Савлы амарыны фӕнд. Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары цур. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы ӕруагътой къулыл. Савл ӕрцыд Иерусалиммӕ ӕмӕ архайдта, ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕмӕй баиу уа, ууыл. Фӕлӕ дзы сеппӕт дӕр тарстысты – ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕ нӕ уырныдта. Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм, ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл куыд федта Хицауы, Хицау куыд дзырдта йемӕ, Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ. Савл иуцасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылдис Иерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Хицауы номыл. Ныхас ӕмӕ быцӕу кодта бердзенагау дзурӕг дзуттӕгтимӕ дӕр, ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд. «Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн. Ӕз ӕфхӕрдтон ацы фӕндагыл цӕуджыты, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сӕ ӕппӕрстон ахӕстонмӕ. Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не 'фсымӕртӕм, дамаскаг иудейтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Иерусалиммӕ. Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл, ӕмбисбонмӕ хӕстӕг, ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй. Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?" Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Уый мын загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Назаретаг Йесо дӕн". Ме 'мбӕлццӕттӕ федтой рухс [ӕмӕ сӕ тас бацыди], фӕлӕ мемӕ Дзурӕджы хъӕлӕс нӕ фехъуыстой. Уӕд ӕз бафарстон: „Хицау, цы гӕнгӕ мын у?" Хицау мын загъта: „Сыст ӕмӕ цу Дамаскмӕ – уым дын загъд уыдзӕни, Хуыцау дын цы саразын скарста, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй". Ӕз рухсы тӕмӕнмӕ кӕй бакуырм дӕн, уымӕ гӕсгӕ мын ме 'мбӕлццӕттӕ ныххӕцыдысты мӕ къухыл ӕмӕ мӕ ӕркодтой Дамаскмӕ. Иу лӕг, Анани, – Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейтӕм нымад, – Ӕрбацыди мӕнмӕ, ӕрлӕууыд мӕ фарсмӕ ӕмӕ загъта: „Ме 'фсымӕр Савл, дӕ цӕстӕй ракӕс". Ӕз уыйадыл ракастӕн мӕ цӕстӕй ӕмӕ йӕ федтон. Анани мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс. Ды Йын ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн ӕмӕ сын дзурдзынӕ, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый тыххӕй. Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ". Иерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд мын раргом: Федтон Хицауы, ӕмӕ мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй ам куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты". Ӕз загътон: „Хицау, уыдон зонынц, ӕз Дӕуыл ӕууӕндджыты кӕй ахстон ӕмӕ сӕ синагогӕты кӕй надтон, уый. Де 'вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз растыл нымадтон; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ". Хицау мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕм, арвитдзынӕн"». Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц. Ацух уӕ кӕндзысты синагогӕтӕй. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг дӕр, ӕмӕ уӕ чидӕриддӕр мара, уый ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн кусы. Ӕз Ӕй раздӕр фаудтон, зылдтӕн Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йӕ ӕфхӕрдтон, фӕлӕ мын ныббарстӕуыд, уымӕн ӕмӕ цы кодтон, уый не 'мбӕрстон – уыдтӕн ӕнӕуырнӕг.
Выбор основного перевода