Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй. Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй. „Нӕ фыдӕл Авраам у" – ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын. Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныббарстӕуа уӕ тӕригъӕдтӕ. Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн. Уый фӕстӕ бахордта ӕмӕ йӕ хъару фӕфидар. Савл иукъорд боны фӕци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ. Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ. Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном арджыты Иерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не 'рцыд, ӕви?» Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд. Рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ иудейтӕ скодтой Савлы амарыны фӕнд. Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары цур. Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы ӕруагътой къулыл. Савл ӕрцыд Иерусалиммӕ ӕмӕ архайдта, ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕмӕй баиу уа, ууыл. Фӕлӕ дзы сеппӕт дӕр тарстысты – ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕ нӕ уырныдта. Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм, ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл куыд федта Хицауы, Хицау куыд дзырдта йемӕ, Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ. Савл иуцасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылдис Иерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Хицауы номыл. Ныхас ӕмӕ быцӕу кодта бердзенагау дзурӕг дзуттӕгтимӕ дӕр, ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд.
Выбор основного перевода