Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ уын мах ӕрхастам уыцы фарны уац: Хуыцау фыдӕлтӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта, уый радта махӕн, сӕ цотӕн, – Йесойы райгас кодта мӕрдтӕй, Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй». Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси кусӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау уыдоны рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы намыс кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ.
Выбор основного перевода