Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ. Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса». Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном арджыты Иерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не 'рцыд, ӕви?» Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕгъатырӕй куыд ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат.
Выбор основного перевода