Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ. Уыцы тӕригъӕдты ӕфтыдӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныртӕккӕ чи архайы, уыцы удӕн коммӕгӕсӕй. Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та рухсы стут Хицауимӕ. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбулты цардӕй, Уый мах фервӕзын кодта талынджы уацарӕй ӕмӕ нӕ бакодта Йӕ уарзон Фырты Паддзахадмӕ – Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм», талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат.
Выбор основного перевода